Читать онлайн полностью бесплатно Генрих Гейне - Æмдзæвгæтæ. Санахъоты Юляйы тæлмац

Æмдзæвгæтæ. Санахъоты Юляйы тæлмац

Гейнейы поэзи уыд тынг популярон Уæрæсейы. Тæлмац æй кодтой Лермонтов, Тютчев, Блок æмæ æндæртæ. Иронау дæр дзы ис иу-цалдæр æмдзæвгæйы. Фæлæ йын хицæн чиныг мыхуыр цæуы фыццаг хатт – Санахъоты Юляйы тæлмæцтæ.

© Генрих Гейне, 2022


ISBN 978-5-0056-1117-8

Создано в интеллектуальной издательской системе Ridero


Азыр

Паддзахы рæсугъд чызг уадис
Фантанæн йæ цyрмæ «рвылбон.
Ам пырхæндæгæй уæд калдис
Арвмæ, заргæйæ, æвзист дон.
Алы ́зæр цагъар лæууыдис
Фантанæн йæ фарсмæ «нкъардæй.
Чызджы фенынмæ бæллыдис
Тади цæсты раз йæ уарзтæй.
Сау рæсугъд æм бацыд иу бон,
Уымæ цалдæр фарста радта:
«Чи дæ ды, цы знæмæн – хиуон,
Гъе, цы бæстæй ́рхаудтай ардæм?»
Дзуры лæппу уæд ныллæгæй:
«Азыр – Йеменæй, Мæхæмæт.
Уарзы махæй лæг æцæгæй,
Уæд йæ фæсхъус ис йæ мæлæт».

Der Asra

Täglich ging die wunderschöne
Sultanstochter auf und nieder
Um die Abendzeit am Springbrunn,
Wo die weißen Wasser plätschern.
Täglich stand der junge Sklave
Um die Abendzeit am Springbrunn,
Wo die weißen Wasser plätschern;
Täglich ward er bleich und bleicher.
Eines Abends trat die Fürstin
Auf ihn zu mit raschen Worten:
Deinen Namen will ich wissen,
Deine Heimat, deine Sippschaft!
Und der Sklave sprach: Ich heiße
Mohamet, ich bin aus Yemen,
Und mein Stamm sind jene Asra,
Welche sterben, wenn sie lieben.

«Атлант дæн æз, – æнамондты фыддæр!..»

Атлант дæн æз, – æнамондты фыддæр!
Хæссон æз хъуамæ сау зæххы уæззау сон.
Ысфæразæн цæмæн нæй, уый фæразон,
Кæд уымæй зæрдæ атондзæн, уæддæр.
О, хъал зæрдæ! Дæхи бæллиц куы уыд.
Дæу амондæй фæрныг уæвын фæндыд…
Ды дунейы фыдхъыгтыл кодтай зыд;
Рай, хъал зæрдæ! Дæ фæндиаг æрцыд!

«Ich unglücksel’ger Atlas! Eine Welt…»

Ich unglücksel’ger Atlas! Eine Welt,
Die ganze Welt der Schmerzen, muß ich tragen,
Ich trage Unerträgliches, und brechen
Will mir das Herz im Leibe.
Du stolzes Herz! Du hast es ja gewollt!
Du wolltest glücklich sein, unendlich glücklich,
Oder unendlich elend, stolzes Herz,
Und jetzo bist du elend.

«Æвиппайды ацæуынц азтæ…»

Æвиппайды ацæуынц азтæ,
Фæлтæртæ ивылынц мæрдтæм.
Æрмæст нæй ивгъуыйæн мæ уарзтæн,
Æнусты мæ риуы цæрдзæн.
Бæргæ ма дæ иу хатт куы фенин,
Æрлæууин мæ зонгуытыл уæд.
Мæлгæйæ дæумæ дзурæг фестин:
«Мадам, ды— мæ уарзон, мæ зæд!»

«Die Jahre kommen und gehen…»

Die Jahre kommen und gehen,
Geschlechter steigen ins Grab,
Doch nimmer vergeht die Liebe,
Die ich im Herzen hab.
Nur einmal noch möcht ich dich sehen,
Und sinken vor dir aufs Knie,
Und sterbend zu dir sprechen:
«Madam, ich liebe Sie!»

«Æрдæгæхсæв. Уазал. Æмыр…»

Æрдæгæхсæв. Уазал. Æмыр.
Æндзыг хъæды зилын æз ныр.
Фæсырдтон æнафоны бæлæсты фын.
Æнкъуыстой сæ сæртæ, æмбæрстой мæ зын.

«Die Mitternacht war kalt und stumm…»

Die Mitternacht war kalt und stumm;
Ich irrte klagend im Wald herum,
Ich habe die Bäum aus dem Schlaf gerüttelt;
Sie haben mitleidig die Köpfe geschüttelt.

«Æрдзы уаз зæлтæ сындæг…»

Æрдзы уаз зæлтæ сындæг
Зæрдæйы куы хизынц.
Зарæг уалдзыгон цæрдæг
Айзæлд, кæмтты зилы.
Дидиндонмæ атæх цырд,
Æрдзæн уым йæ фидыц.
Уардимæ фæхæсс мæ дзырд, —
Зæрдæ йыл нæ ивын.

«Leise zieht durch mein Gemüt…»

Leise zieht durch mein Gemüt
Liebliches Geläute,
Klinge, kleines Frühlingslied,
Kling hinaus ins Weite.
Kling hinaus, bis an das Haus,
Wo die Blumen sprießen.
Wenn du eine Rose schaust,
Sag, ich laß sie grüßen.

Æхсæвы хъуыдытæ

Германæй иппæрд – уый мæ зын,
Æхсæв мæ цæст нæ кæны цъынд.
Кæсын æм дзагъырдзастæй, дардæй,
Мæ цæссыг нал уромын й́ардæй.
Ызгъорынц азтæ, бон цæуы!
Кæмдæр мæ ныййарæг кæуы.
Дыууадæс азы йæ нæ уынын;
Хъынцъым кæнын мæ хъал, мæ фыны.
Мæ сагъæс бонæй-бон фыддæр,
Мæ мады рухс фæлгонц ныр дæр
Мæ цæсты раз лæууы, нæ хизы.
Хуыцау, ды йын фæу сæрхъызой!
Йæ хъæбулы куыд уарзы мад, —
Йæ цард æнæ мæн у æнад.
Фыссы мæм, уæд йæ къух æвдисы,
Йæ зæрдæ адæргæ куыд риссы.
Æдзух мæ хъуыдыйы мæ мад,
Ныр дæн дыууадæс азы дард, —
Ныййарæгимæ не стæм иумæ…
Тæхуды уый нылвас дæ риумæ!
Герман æнусон у, хъæддых,
Тыхгæнæг ын нæ кæны тых.
Йæ тулдз, йæ сусхъæдтæм та ногæй
Цæудзынæн фидæнмæ уæнгрогæй.
Фыдызæххæй кæй дæн æз дард,
Нæ уаин уый охыл æнкъард,
Фæлæ мæ мад… Нæу зæххæн ницы,
Зæрондмæ та мæлæт æмхиц у.
Нæ зæххæй рагæй дæн æддæ,
Фæцыд уым бирæтæ мæрдтæм,
Кæй уарзтон, уыдонæй… Сæ хъарæг,
Сæ мысынæй мæ уд æснарæг.
Куы сæ фæнымайын, – мæ мæт
Кæны фыддæр, хъыггагдæр уæд:
Цыма сæ уæлмæрд ис мæ риуы,
Мæ сау зæрдæ æррайау ниуы.
Хуыцауæй бузныг! Бон фæцъæх,
Ныууарыд рухсы тынтæй зæгъ.
Фæзынди ме ́фсин, бонау аив,
Мæ мæт йæ цæсты рухсæй айвылд

Nachtgedanken

Denk ich an Deutschland in der Nacht,
Dann bin ich um den Schlaf gebracht.
Ich kann nicht mehr die Augen schließen,
Und meine heißen Tränen fließen.
Die Jahre kommen und vergehn!
Seit ich die Mutter nicht gesehn,
Zwölf Jahre sind schon hingegangen;
Es wächst mein Sehnen und Verlangen.
Mein Sehnen und Verlangen wächst,
Die alte Frau hat mich behext.
Ich denke immer an die alte,
Die alte Frau, die Gott erhalte!
Die alte Frau hat mich so lieb,
Und in den Briefen, die sie schrieb,
Seh ich, wie ihre Hand gezittert,
Wie tief das Mutterherz erschüttert.
Die Mutter liegt mir stets im Sinn.
Zwölf lange Jahre flossen hin,
Zwölf lange Jahre sind verflossen,
Seit ich sie nicht ans Herz geschlossen.
Deutschland hat ewigen Bestand,
Es ist ein kerngesundes Land;
Mit seinen Eichen, seinen Linden
Werd ich es immer wiederfinden.
Nach Deutschland lechzt ich nicht so sehr,
Wenn nicht die Mutter dorten wär;
Das Vaterland wird nie verderben,
Jedoch die alte Frau kann sterben.
Seit ich das Land verlassen hab,


Ваши рекомендации